Сырхыдзуар (Сырхыуастырджи)
Сырхыдзуары сæйраг кувæндон ис Ирыстоны хуссар хайы Ленингор æмæ Цхинвалы районы арæныл, Дзимыргом æмæ Гнугъгомы æхсæн Сырхы хохыл. Сырхы хохы бæрзæнд денджызы æмвæзадæй уæлдæр у 3026 м бæрц. Хохы уæллаг фæхстыл кæрдæг æмæ хицæн къутæртæ тынг стæм рæтты æмбæлы, йæ сæрæй цы дуртæ згъæлынц цадæггай, уыдон бынæй цæнттæ-цæнттæй сты. Сырхы хохæн йæ алыварс цы хæхтæ ис, уыдонæй бæрæг хицæн кæны дардæй кæсгæйæ дæр, сырхæй кæй зыны, уымæ гæсгæ. Хохæн йæ дæлвæччи хуссар-ныгуылæнварс 2780 м бæрзæндыл ис дыууæ къаннæг цады. Читать дальше...