Лæгты æхсæв
Уастырджийы бонтæй иууыл кадджындæр æмæ ахадæндæр уыдис бæрæгбоны фыццаг къуырийы дыццæгæхсæв — Уастырджийы æхсæв кæнæ Лæгты æхсæв. Ацы æхсæв Уастырджийы номыл кодтой кусарт, цыдысты кувæндонмæ æмæ куывтой Уастырджимæ. Цыфæнды мæгуыр æмæ цыбыркъух куы уыдаид ирон лæг, уæддæр ацы стырбон ма сарæзтаид, кусарт ма акодтаид, уый гæнæн нæ уыд. Ирон адæмы дин æмæ мифологийы бардуæгты æхсæн се ‘ппæты нымаддæр æмæ цытджындæр Уастырджи у. Уый у фæндаджы, нæлгоймæгты, хæстонты æмæ бæлццæтты бардуаг. Уый, дам... Читать дальше...