Хоситы Бурхан раарфæ кодта Гаглойты Аланæн Стыр Уæлахизы боны цытæн
Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хоситы Бурхан раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн Стыр Уæлахизы боны цытæн. Арфæйы телы дзырдæуы: «Цытджын Президент! Зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 81-æм афæдзы боны цытæн дын арфæ кæнын. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ рох нæ уыдзысты ирон адæмæй. Знагæй Фыдыбæстæ бахъахъхъæнгæйæ, уæлахизмæ хъæбатырдзинады фæндагыл цыдысты