Зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ! Зӕрдӕбынӕй уын арфӕ кӕнын Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы боны цытæн. Ацы бон 1899 азы 15 майы мыхуыры рацыд Хетӕгкаты Къостайы ӕнӕмӕлгӕ «Ирон фӕндыр». Нæ дзыллæйы хъуамæ алчидæр æмбара, куыд хъæздыг хæзна нын ныууагътой нæ уæздан фыдæлтæ. Ирон æвзаджы руаджы дуне базыдта Нарты кадджытæ, ирон æвзагыл се ʻнæмæлгæ уацмыстæ фыстой Хетӕгкаты Къоста, Гӕдиаты Секъа,